|
|
| |
Сæуæссæ |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Зынджыбардуаг Уазыкъуылдымыл арт ыскодта, æмæ артæн йæ фæздæг арвмæ цыд. Дзуæрттæ йæм ысмæсты сты, æмæ йыл Галæгонмæ бахъасткодтой: "Нал нæ уадзы цæрын йæ фæздæгæй, фæхæсс-ма йын й' арт искуыдæм". Галæгон ысдымдта, æмæ арт тынгдæр ысцырын, хъæдыл сирвæзт, кæрдæг ыссыгъди, дуртæ сырх зынг фестадысты æмæ тъæнджытæхаудтой.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 192 | Автор: admin |
Дата: 4 августа 2008 |
|
| |
Нарты Борæ |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Нарты Борæ Сæуæссæйы хистæр фырт уыди. Æмæ цуаны фæцыди иу хатт. Бахæддзæ фурды былмæ, æмæ, мæхи æрыхсон куыд загъта, афтæ йæ Донбеттыртæ ауыдтой æмæ йæм дзурынц: – Уæ, Борæ, нæ хæрæфырт! Дæлимонтæ дæ ахсдзысты, сæ дон цын ызмæнтыс... – Æрцахсæнт мæ! Фæлæ ма ме фсымæрты куы фенин... Дзылæу чысыл у, Болатбæрзæй – æнахъом. – Уыдонæн ма тæрс...
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 165 | Автор: admin |
Дата: 4 августа 2008 |
|
| |
Буртæджы хæст |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Буртæг уыди Нартæн цыфыддæр ызнаг. Райдыдта иу бон æфсад æмбырдкæнын, æмæ загъта: "Нарты Борæйæ мæ маст куы нæ райсон, уæд мæрдты бæсты авд марды кæндзынæн". Æнæхъæн афæдз фæцæттæкодта йæ бирæ 'фсад. Афæдзы фæстæ цæ Лæхъыбыдырмæ фæкодта. Уым цæ фæлварын байдыдта. Æмæ цыл йæ зæрдæ куыддæр фæдардта, афтæ 'рбарвыста Нарты Борæмæ: – Мæ мастæн маст исын, ма мæ бамбæхс! – Ау, æмæ фидауын куы домдтай дæхæдæг. Тыхкæнынмæ дæр дæхæдæг куы цыддæ! – Д' ард дæхи уæд! Фæлæ абон майрæмбон, иннæ ацафонмæ, мæнæй цы рæгъæуттæ фæтардтай, уыдон æртывæрæй куыддæр не рырвитай, афтæ дæм фæцæуын! – Рæгъау нал фендзынæ. Тыхæй ц' ахæссай, уый дæр фендзыстæм!
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 173 | Автор: admin |
Дата: 4 августа 2008 |
|
| |
Æвдзæрæны хæст |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Æвдзæрæн йæхицæн бынат нал ардта 'мæ загъта: "Нарты Борæмæ фæцæуон фидыды алдзæн, стæй йæ хинæй ныммардзынæн". Сбадти йæ дынджырхъусджын бæхыл, æмæ рацæуы. Фæндагыл хъуыдытæкæны: "Ныр мæ йæхимæ куы нæ бауадза, æмæ мæ ку' амара! Уæд мæ худинаг ныхъхъæруыдзæн, йæхи къухæй йæхи амардта зæгъгæ. Цæй, кæд ахæм нæ разынид."
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 169 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Борæйы чындзæхсæв |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Борæ уыдис цуаны Талмыхъæды. Ницæуыл сæмбæлди 'мæ рæгътыл фæстæмæ раздæхти. Хæхты тигътыл æфцджытæм æрхызти. Æфцджытæй – уæлвæзтæм, стæй къуылдымтæм æмæ дæлбылтæм æрцыди. Хъæды кæрон æрлæууыд, суадонмæ ныккасти 'мæ ауыдта иу æхсинæг ыстæхгæ. Æхсинæг æй йæ фæдыл асайдта хæхтæм. Борæ цæуы æхсинæджы фæстæ гурæй-гурмæ, æмæ уалынджы иу хохмæ бахæддзæ сты. Хох уыди хъæдæй æмбæрзт. Хъæд та ахæм уыд, æмæ дзы калмæн абырæн нæ уыди, маргъæн – атæхæн: æгæндæг хъæд. Уæд арвы дуар байгом и, æмæ æхсинæг фæтары. Борæйæн ацæуæн нал уыди. Йæхи 'руагъта нæзыбæласы бын хъуынакæрдæгыл æмæ дзалафæсалыл. Стæй тарф фынæй аци.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 148 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Дзылæу |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Сæуæссæйы дыггаг лæппу Дзылæу уыди, æмæ цуаны цæуын сегасæй фылдæр уарзта. Иубон фæцыди иу бæрзонд хохы сæрмæ, афæлгæсыд, фæлæ ницæуыл æрхæцыд йæ цæст. Хъæдырдæм акасти, æмæ хъæды бæлæстæ бындзарыл нызмæлынц, чи та хъил авæййы 'мæ афæлдæхы. Диссаг æм фæкаст Дзылæумæ, æмæ диссаг дæр куыд нæ уыди, æмæ загъта: "Ноджы ма бакæсон". Æмæ федта дыууæ сæрджын саджы. Сæ сытæй кæрæдзийы гуымскодтой сагтæ, æмæ сæ сыты къуыртцытæй ком арыдта, бæстæ æрвнæрæгау кодта. Сагтæ сæ хæцын нæ уагътой, пырхкодтой сæ сæфтджыты бын дуртæ, æмæ сæ рыг арвыл æмбæлди. Уæд сæхи рахастой хæцгæ-хæцын. Ныффуттытæласынц, æмæ дон уысммæ йæ цыд фæуыромы. Сæ хид цъыккæны. Хъæдмæ та сæхи байстой, бæлæстæ цыл фæлдæхтысты 'мæ пыхсы стыхстысты. Стæй сæ дыууæ дæр бæласы саджилæджы ныффидар ысты, æмæ цын ацæуæн нал уыди.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 141 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Бæргъуан |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Нартæй æртæ бонцау æддæдæр Нозы фырт Бæргъуан царди. Нарты Борæимæ хæлар нæ – фыдызнæгтæ уыдысты. Æмæ дын зæрватыкк уый сæрты фæцæйтахт. Бæргъуан æм дзуры: – Кæцæй тæхыс, ацы зæрватыкк? – Кæд нырма уый нæ зоныс, уæд дæ исчи æд хуыссæнтæ хæсдзæни. Нартæ æртæ боны дæргъы тугкалæн хæст кæнынц гуымиртимæ, æмæ сæ удмæ сты.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 153 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Зæрисæры чызг |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Дæллагхъæуы ма баззад иу зæронд лæг – Зæрисæр. Ракодтой йæ Дæллагхъæуы чызг-фæсивæд, æмæ йæ фæрсынц: – Цы нын амоныс уæддæр хуыздæрæн? – Мæнмæ иу фæнд ис, æмæ уын æй нæ сусæгкæнын. Уыд ахæм хабар. Æз рынчын уыддæн. Нæ чысыл лæппу хуым бакодта, фæлæ йæ баласын йæ бон нæ уыд. Нарты Дзылæу адæг ацауæзта, æмæ йæ баластой иумæ. Нарт æххуысæн æххуыс ысты, хæстæн – хæст. Нартæн баххуыскæнын фарны хъуыддаг у, Бæргъуанæн та ацы маст ма ныббарут.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 150 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Болатбæрзæй |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Болатбæрзæй æнкъардкодта, æмæ йæ Борæ базыдта. Иуизæр куы уыди, уæд æй фæрсы: – Цы кæныс, ме фсымæр, бинонтæ кæнын ма 'рымыс... – Уый нæ, фæлæ, нæ фарс цы 'фсад хæцы, уыдон мæ фæнды базонын. – Æз дзы иу чызджы федтон æмæ, Нартæн цы бавæййы, уый мын æнæ базонгæ нæй ахсæв. – Дæхи уал хъахъхъæ, базондзыстæм æй! – Æнæ цæугæ йæм нæй.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 167 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Борæйы кадæг |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Гуымирты хистæр æрæмбырдкодта 'фсадхон æмæ загъта: – Нарт мæ бындзагъд фæкодтой. Ныр та уæйгуыты дæр цæгъддзысты. Рæстæг ахæм ыскодта 'мæ фæстиатгæнæн нал и. Зæхх цæ нæ уырæдта, цæст цыл не ххæсти. Гуымирæй, уæйыгæй – Бæргъуаны 'фсæдтæй ма ц' аззади – сæмбырд ысты сеппæт. Цыма хъæд фенкъуысти, уый цыд кодтой. Борæ 'мæ Зæрисæры чызг-æфсад кæрæдзиуыл амбæлдысты, æмæ дзуры Борæмæ Зæрисæры чызг: – Ныр куыд хæцдзыстæм гуымирты 'фсæдтимæ, зæхх цæ куы нæ уыромы, цæст цыл куы нæ 'ххæссы! – Бирæ куыд ысты, сæ тых афтæ нæу. Нæхи æрымбæхсæм, æмæ цæ дыууæ дихы фæкæнæм. Хæст талынгмæ ку' ахæсса, уæд фемхæддзæ уыдзысты. Стæй фæцæгъддзысты сæ кæрæдзийы. Чи ма цæ аззайа, уыдон та мах бар фæуæнт, æмæ фендзыстæм!
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 145 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Сæуæссæйы мæлæт |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Нарты Сæуæссæ фæзæронд и 'мæ фидары бадти, йæхи хызта уæйгуытæй. Уæйгуытæ йæм мæсты уыдысты – бирæты дзы фæцагъта, бирæты та дзы цæнкуылтæ фæкодта. Сæуæссæ зыдта – нæ йæ ныууадздзысты уæйгуытæ, æмæ фидары мидæг уæрм ыскъахта. Уым уазал дон цыди. Куы-иу ыстæвд Сæуæссæ, уæд-иу дзы ныббырыд, æмæ-иу йæ болат буар йæ ранмæ 'рцыд. Сæуæссæ йæ дзæккорыл æфсæн зæгæлтæ ныффидаркодта, сæвæрдта йæ мæсыджы сæр, æмæ-иу афæлгæсыд: мыййаг, искуыцæй куы фæзыной уæйгуытæ. Фидары дуæрттæн ахæм æрвгæнæнтæ сарæзта, æмæ бакæнын нæ куымдтой.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 137 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Арвычызг |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Арвычызг Бæртæлæджы хæдзары æррынчын, æмæ йæ хъæрзын цыди. Æмæ Бæртæлæг афарста йæ усы: – Куыд у нæ рынчын? – Тынг уæззау, фæлæ дард ма фæцу. Бæртæлæгæн хъæдмæ æнæцæугæ нæ уыд, æмæ, суанг цалынмæ 'рбабон, уæдмæ уым фæци. Боныцъæхтыл зæрватыкк ратахти, æмæ хæрзæггурæггаг фæци Бæртæлæгмæ: – Арвычызгæн лæппу райгуырди.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 158 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Урссæр гуымир |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Иуахæмы Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг цуаны фæцыдысты, æмæ цыл Саукомы иу ран æрталынг. – Ныр мах фæстæмæ нал фæцæудзыстæм, фæлæ 'хсæвдары баззайæм ам. Æндæргæнæн нал и, – загъта Уæрхæг. Уадзынц сæ фæллад, æмæ дын талынджы кæйдæр хъæрзын цæуы: – Уæ, мæ мæлæт ай кæм æрцыди! Базгъордтой йæм Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Кæсынц, æмæ айнæг хæхты бын чидæр хъæрзы. – Чи дæ, кæцæй дæ? – фæрсынц æй Нартæ. Æз дæн Зынджыбардуаджы фырт зæгъгæ загъта, чи хъæрзыдта, уый.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 167 | Автор: admin |
Дата: 6 августа 2008 |
|
| |
Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг гуымиртыбæсты |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Иуахæмы Нарты зæххыл рацæуынц Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг. Сæ иуæй иннæ хæрзуынддæр, сæ иуæй иннæ хæрзконддæр. Чи цæ ауыны, уый йæхи тæхудиагæй бахæры. Зæронд лæгтæ фæзæгъынц: – Æ, тæхуды, сымах кæй кæстæртæ стут! Зæронд устытæ фæзæгъынц: – Æ, тæхуды, сымах цы мад ныййардта! Лæппу-фæсивæд фæзæгъынц: – Тæхуды, сымах æмбал кæмæн ыстут балцы дæр æмæ бынаты дæр! Чызг-фæсивæд фæзæгъынц: – Уæ, тæхуды 'мæ сымах кæй къæсæрæй бахиздзыстут æмæ кæй фæсдуар ыслæудзыстут! Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг хъуыстой алкæй ныхас дæр, фæлæ сæхи мадзура дардтой, сæхи алкæмæ дæр аивæй æвдыстой. Нартыбæстыл æрзылдтытæкодтой. Иу ран æрыййæфтой Нарты сагсур фæсивæды тымбылæй хъазгæ.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 160 | Автор: admin |
Дата: 7 августа 2008 |
|
| |
Уæйыг дыууæ рæссугъды куыд аскъæфта |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, фынæйæ цы уæйыджы федтой, уый райхъал. Акасти, æмæ – Буртæджы фидары цæрæг дæр нал и. Базыдта, дыууæ рæсугъды чидæр цыдæр фæкодта 'мæ агурæг зилын байдыдта сæ фæдыл. Иубон Уæрхтæнæг дзуры Уæрхæгмæ: – Мах аххосджын ыстæм уæйыджы раз. Нæ тыхтæ йемæ нæ бавзæрстам. Ныр уый зæгъдзæн фæтарстысты зæгъгæ. Уый та махæн ыстыр худинаг у, æмæ йæм фæцæуæм, бавзарæм нæ тыхтæ. – Цы ма йæм цæуæм ардыгæй уырдæм? Кæд йæ зæрдыл æрлæууæм, уæд нæ йæхæдæг агурдзæн. – Нæ, уый худинаг у, ныхас ныууагътам. Ныхас фæсайын æй Хуыцау бахизæд.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 164 | Автор: admin |
Дата: 7 августа 2008 |
|
| |
Кар æмæ Кæрæф |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Нарты адæм æппæтыл тыхкодтой. Цæрын цæ нал уагътой уæйгуыты, гуымирты, дæлимонты 'мæ арвыцæрджыты. Уæд зæдтæ загътой Хуыцауæн: – Кæнæ дын – Нартæ, кæнæ – мах. Хуыцау дæр цæм байхъуыста, æмæ Уазалихыбардуагмæ фæсидти. – Нартæ коммæ нал кæсынц, æмæ цæм ды куы бацæуис. Уæд тынг хорз уаид æмæ æз цы дзуæртты сфæлдыстон, уыдонмæ нал æвналиккой. – Нартæ зынгæй гуырд ысты, – загъта Уазалихыбардуаг Хуыцауæн. – Тæрсын сæ зынгæй. – Уæд цæм фæсахсæвæрты бацу.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 178 | Автор: admin |
Дата: 7 августа 2008 |
|
| |
Уæдæрæджы хæст |
Раздел: Нарты кадджытæ » Фыццаг чиныг |
|
| |
Уæдæрæг гуымиртæй уыди. Кар æмæ Кæрæф ын радзырдтой сæ хабар. Æмæ цын уæд Уæдæрæг афтæ зæгъы: – Нартæ куыддæр фæфылдæр уой, афтæ нæ æнцой нал ныууадздзысты, фæлæ цæ кæнæ бынтонфæцæгъдæм, кæнæ та цæ къаддæр фæкæнæм. Уæдæрæг фат-фæдисон ныхъхъæркодта, æмæ æрæмбырд ысты гуымирты адæм. – Нартæ нын ыстыр фыдæбон æвзарынкæнынц. Никæуыл ауæрдынц, æмæ цæм бырсын хъæуы, – загъта Уæдæрæг.
Читать дальше...
| Комментарии (0) |
|
| |
Просмотров: 162 | Автор: admin |
Дата: 7 августа 2008 |
|
|