Томайтæ » Осетия и Осетины, Алания, Аланы

Томайтæ » Осетия и Осетины, Алания, Аланы

 

Видеоархив

:: Фыдæлты уæзæгмæ

:: Док. фильмы

:: Худ. фильмы

:: События

 

Навигация по сайту

:: Главная страница

:: Непрочитанное

:: Регистрация

:: Обратная связь

:: Поиск по сайту

 

Осетия и Осетины

:: Новости Осетии

:: Авторские статьи

:: Былое

:: Коста Леванович Хетагуров

:: Осетинская музыка

:: Кодекс аланской чести

:: Кто такие Осетины?

:: Осетинские имена

:: Фотогалерея Осетии

:: Построй свою башню

:: Осетинская поэзия

:: Осетинский Язык

 

Духовный мир осетин

:: Святые места Осетии

:: Нарты кадджытæ

:: Нартский эпос

:: Галерея Нартов

:: Осетинские сказители

:: Древние знания осетин

:: Осетинская литература

:: Традиции и обычаи осетин

:: Осетинские писатели

:: Быт осетин

 

История Осетии

:: Происхождение иранских народов
:: Формирование осетин
:: Осетины и Кавказ
:: История скифов
:: История сарматов
:: История алан
:: Осетия в XV - XVIII вв
:: Осетия в XVIII в
:: Осетия в первой половине XIX в
:: Осетия во второй половине XIX в
:: Осетия в XX в
:: Осетия в конце XX начале XXI в

 

Библиотека

:: Осетины за рубежом
:: Из истории Осетии
:: Из истории Алан
:: О верованиях Осетин
:: О культуре Осетин
:: Литература и письменность
:: Сказания и героика

 

Популярное

» Местная религиозная организация традиционных верований ...

 

Вход на сайт

Логин
Пароль
 

 

Опрос

Читали ли вы Нартский эпос?

Да, на осетинском языке
Да, на русском языке
Не читал, но собираюсь
Пока еще нет


 

Календарь

«    Сентябрь 2010    »
ПнВтСрЧтПтСбВс
 
1
2
3
4
5
6
7
8
9
10
11
12
13
14
15
16
17
18
19
20
21
22
23
24
25
26
27
28
29
30
 

 

Архивы

Август 2010 (1)
Июль 2010 (2)
Июнь 2010 (2)
Май 2010 (1)
Апрель 2010 (4)
Март 2010 (3)
Февраль 2010 (1)
Январь 2010 (1)
Декабрь 2009 (2)
Октябрь 2009 (1)
Сентябрь 2009 (1)
Июнь 2009 (4)
Май 2009 (2)
Апрель 2009 (2)
Март 2009 (2)
Январь 2009 (5)
Декабрь 2008 (47)
Ноябрь 2008 (20)
Октябрь 2008 (16)
Сентябрь 2008 (66)
Август 2008 (198)
Июль 2008 (28)
Июнь 2008 (29)
Май 2008 (7)
Апрель 2008 (6)
Март 2008 (19)
Февраль 2008 (123)
Январь 2008 (1)
Декабрь 2007 (2)
Ноябрь 2007 (43)
Октябрь 2007 (399)

 

Статистика

Рейтинг@Mail.ru

Кавказ Топ

 

Рекомендуем

Осетины. Осетия-Алания

Проект патриотов Осетии

Осетия. Известные люди

 

 

«Счастливы должны быть осетины, измеряя славные корни свои»

 

Николай Рерих

 

 

И если завтра мой язык исчезнет,
То я готов сегодня умереть.

 

Расул Гамзатов

 
     
 
   Томайтæ

Раздел: Авторские статьи  

 
 

Томайты Мишурхан

Иу къорд азы дӕргъы Томайты мыггаджы тыххӕй ӕрмӕг ӕмбырд кӕны историк Томайты Сослан. Иу рӕстӕг уыцы хъуыд-дагыл кусын райдыдтам иумӕ. Цалдӕр цыды акодтам Нарты-хъӕумӕ, Джызӕлмӕ, Къардонмӕ... Кӕимӕ сӕмбӕлдыстӕм, сӕ хӕдзарвӕндагыл сын цы ӕрмӕг бацӕттӕ кодтон, ӕз ӕрмӕстдӕр уыдон хӕссын мыхуырмӕ.


Томайты Гобызы хӕдзарвӕндагӕй йӕ дыууӕ фырты Ерыс-тау ӕмӕ Мырзабеджы бинонтыл цӕудзӕн нӕ ныхас. Бӕлвырддӕр та Ерыстауыл — Мырзабегӕн йӕ хъуыддаг афтӕ рауад, ӕмӕ йын ӕртӕ усӕй рацыд ӕрмӕстдӕр чызджытӕ. Еры-стауӕн та дыууӕ усӕй ис дыууӕ лӕппуйы - Темырсолтан, Дӕхцыхъо, стӕй дыууӕ чызджы. Темырсолтанӕн рацыд дыууӕ лӕппуйы, Алихан ӕмӕ Гази. Дӕхцыхъойӕн та - ӕртӕ - Арыпхан, Тепсарыхъо ӕмӕ Хадзымырзӕ.
Алиханы байзӕддӕгтӕ уыдысты Мырзахъул, Амырхан (Гӕрбус), Мурат ӕмӕ Мисурхан. Газийӕн та Таймураз ӕмӕ Мырзахъ (Бызыкк).
Томайтӕ рацыдысты Куырттаты комы Къорайӕ. Гобызы фыдӕлтӕ дӕр цардысты уым, фӕлӕ ссӕдзӕм ӕнусы ссӕдзӕм азты хохы цӕрджытӕй бирӕтӕ быдырмӕ лидзынвӕнд скодтой, уымӕн ӕмӕ сын хохы фосдарынӕй дарддӕр ӕндӕр ницӕмӕн уыд фадат. Быдыры, сӕ фылдӕр ӕрцардысты Нартыхъӕуы ӕмӕ Емаусы.
Гобызы хӕдзарвӕндаг цардысты иумӕ иу стыр бинонтӕй, ӕдӕппӕтӕй ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз бинойнаджы, ӕмӕ дзы алчи дӕр уыд цыдӕр хъуыддагыл лӕуд хӕдзары куыстӕй.
Хохы ма куы цардысты, уӕд Дӕхцыхъойы хистӕр фырт Арыпхан Дӕллагхъӕуы фӕцис каст цыппар къласы, стӕй уый фӕстӕ горӕты рабфак ӕмӕ куыста ахуыргӕнӕгӕй Нартыхъӕуы 1928 азмӕ.
Райдыдта коллективизацийы рӕстӕг. Арыпхан, ног рӕстӕджы улӕфт иннӕтӕй хуыздӕр ӕмбаргӕйӕ, йӕ бинонтӕн бамбарын кодта, байуарӕм ӕмӕ хицӕн бинонтӕй цӕрӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ уыдон рӕстмӕ нӕ бамбӕрстой, схуыдтой йӕ цардхалӕг, ӕмӕ уӕд Арыпхан йӕ фынддӕсаздзыд ӕфсымӕр Хадзымырзӕимӕ скодта хицӕны гӕххӕтт, стыр хӕдзар та 1929 азы кулакыл банымадтой. Сӕ хӕдзар сын байстой, ӕмӕ Алиханы бинонтӕ фӕстӕмӕ хохмӕ баивтой, Дӕхцыхъо та йӕ фырт Тепсарыхъоимӕ ӕрцард горӕты - Томайты Бӕлли йын цы зӕххы хай радта, уым хӕдзар сарӕзта, афтӕмӕй.
Нартыхъӕуы цӕргӕйӕ баззадысты Арыпхан ӕмӕ Хадзымырзӕ. Арыпхан ахуыргӕнӕгӕй куыста, Хадзымырзӕ та ма скъолайы ахуыр кодта.
1933 азы Арыпхан ӕрхаста Гӕрисаты Зимӕйы. Уый тынг кадджынӕй фӕцард мыггаджы 'хсӕн.
Кулак кӕй скодтой, уыдоны хастой Сыбыр ӕмӕ Астӕуккаг Азимӕ, фӕлӕ адонӕн Дӕхцыхъойы сиахс Чъерджиаты Налыхъ баххуыс кодта, ӕмӕ ам баззадысты. Ӕртын ӕвдӕм азы фыдрӕстӕг куы райдыдта, уӕд Алиханы раластой Куырттаты комӕй. Дӕхцыхъо ӕмӕ Тепсарыхъойы та горӕты ӕрцахстой. Уӕдмӕ Арыпхан каст фӕцис Цӕгат Кавказы педагогон институт ӕмӕ Зилгӕйы директорӕй куыста.
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд ӕй равзӕрстой куынӕггӕнӕг батальоны штабы хицауӕй. Уыцы фыдрӕстӕг ма сӕ хохы царди Гази, фӕлӕ йӕ хӕстмӕ акодтой ӕмӕ ӕнӕбӕрӕгӕй фесӕфти. Мырзахъулы дӕр ӕфсады рӕнхъыты уӕвгӕйӕ ӕрӕййӕфта хӕст, ӕмӕ уый дӕр, лейтенанты цин райсгӕйӕ, ацыд хӕцӕг ӕфсады рӕнхъытӕм. Фӕцис уӕззау цӕф, йӕ цонг ахаудта ӕмӕ сыздӕхт хъӕумӕ.
Хӕсты рӕстӕг та фӕстӕмӕ хохмӕ баивтой бинонтӕ ӕмӕ ӕппӕт уӕз дӕр хӕдзары хъуыддӕгты ӕрӕнцад Мырзахъулы кӕстӕр ӕфсымӕр Амырханыл.
1944 азы мӕхъхъӕлы куы ахастой, уӕд Арыпхан сси, Черменыхъӕуы скъолайы директор, фӕстӕдӕр та амы хъӕуы хицау. Хадзымырзӕ скъолайы фӕстӕ бацыд педагогон училищемӕ, куыста ахуыргӕнӕгӕй Лӕцы, Куырттаты комы. Хӕстмӕ дӕр ӕй уырдыгӕй акодтой. Хуымӕтӕг салдатӕй райдыдта йӕ хӕстон фӕндаг, ӕмӕ йыл кӕронмӕ фӕцыд суанг Берлинмӕ, капитан сси. Хӕсты фӕстӕ уыд совхоз «Чермен»-ы директор, стӕй та химзаводы.
Хадзымырзӕ ракуырдта Елехъоты Иринӕйы. Уый ахуыргӕнӕгӕй куыста Зилгӕйы Арыпхан дзы директор куы уыд, уӕд. Банымыгъта йӕ йе 'фсымӕрӕн...
Хорз рауад Иринӕйӕн йӕ царды фӕндаг. Куыста горӕты цыппӕрдӕсӕм ӕмӕ дыккӕгӕм скъолайы директортӕй, ахуырады министрады кадрты хицауӕй. Йӕ хорз фӕллойы тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд Кады грамотӕтӕ ӕмӕ авд майданы...
Арыпхан ӕмӕ Мырзахъулы цот царды мидӕг бацахстой сӕ фыдӕлты кады аккаг бынат, сахуыр кодтой ӕмӕ, Ирыстонӕн ном чи кӕны, ахӕм бынӕтты фӕкуыстой ӕмӕ кусынц абон дӕр.

Раздӕр Арыпхан, уый фӕстӕ Хадзымырзӕ стӕй та Мырзахъул рухс дунейӕ ацыдысты кӕрӕдзи фӕстӕ. Фӕлӕ царды бӕрӕг фӕд чи ныууадзы, уымӕн йӕ ном нӕ сӕфы, ӕмӕ нӕ рох кӕнынц сӕ нӕмттӕ Гобызы байзӕддӕгтӕн дӕр.
Томайты Гогъайы фырт Петр ӕмӕ йӕ бинонтӕ цардысты Уӕлладжыры комы, Зджыды. Петрӕн йӕ фыдыфыд Долӕ хуынди. Фосдарӕг уыдысты рагӕй дӕр, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ фиухортӕ хуыдтой.
Петры бинонтӕ уыдысты ӕртӕ 'фсымӕры ӕмӕ дыууӕ хойы — Сона, Настя, Петр, Тамерлан ӕмӕ Зауырбег.
Зджыд, Садон ӕмӕ Ходы хъӕуӕн уыд иумӕйаг хъӕусовет. Колхозӕн быдыры уыд зӕххытӕ ӕмӕ уым куыстой ӕхсӕвӕддӕйӕ.
Æфсымӕртӕй хистӕр уыди Петр ӕмӕ йыл кӕд дыууадӕс азы йеддӕмӕ нӕма цыд, уӕддӕр бинонтӕн ӕххуысхъом фӕцис ӕмӕ кусын райдыдта.
1946 азы ахуырмӕ бацыд ФЗО-мӕ. Уым ӕхсӕз мӕйы куы сахуыр кодта, уӕд ӕй кусынмӕ арвыстой шахтӕмӕ. Хъуыддаг афтӕ ӕвӕрд уыд, ӕмӕ ахуыры фӕстӕ адӕймаг хъуамӕ цыппар азы шахтӕйы бакуыстаид.
Петр 1966 азмӕ сси дӕсны ӕрзӕткъахӕг ӕмӕ йӕ арвыстой Республикӕ Малимӕ. Фӕци дзы ӕртӕ азы, сызгъӕрин-иу кӕм разынд, ахӕм ӕрзӕткъахӕнты.
Фӕстӕмӕ куы раздӕхт, уӕд дӕр та ногӕй кусын райдыдта Садоны, ӕмӕ суанг пенсийы рацӕуыны онг, 1980 азмӕ, фӕкуыста уым.
Петрӕн иуахӕмы йӕ мады 'фсымӕр Иналыхъ афтӕ, ӕз, дам, дӕ Томайтӕй хорз лӕгимӕ базонгӕ кӕндзынӕн. Æмӕ уыдонмӕ бацыдысты. Кусарт акодта Иналыхъ ӕмӕ Томайты Ахъмырзӕйы ӕрбахуыдта. Æхсӕвы фӕбадтысты, фӕныхӕстӕ кодтой. Петр дӕр ма сӕхимӕ кӕцӕй ацыдаид. Ахъмырзӕ бакастӕй дӕр дзуары лӕджы хуызӕн, бӕрзонд, хӕрзконд лӕг. Къухӕй та алцы саразынмӕ дӕр ахӕм дӕсны уыд, ӕмӕ ма йӕ хъӕуӕн суанг куырой дӕр сарӕзта.
Ахъмырзӕйы фыд Аслӕмырзӕ цард Куырттаты комы Къорайы. Уыдис ын цыппар лӕппуйы ӕмӕ фондз чызджы: Ахъмырзӕ, Албег, Зауырбег, Дзамболат, Доха, Доди, Бӕдос, Авери ӕмӕ Сона.
Фыд куы амард, уӕд цот баззадысты мады ӕвджид. Стыр фыдӕбӕттимӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ кодтой, фосмӕ зылдысты. Ахъмырзӕйы бинонтӕ 1922 азы ӕрцардысты Нартыхъӕуы. Уӕдмӕ хотӕ чындзы ацыдысты, ӕфсымӕртӕ та ма цардысты сӕ мадимӕ, стӕй Ростовмӕ ахуырмӕ ацыдысты Зауырбег ӕмӕ Дзамболат. Ахъмырзӕ ӕмӕ Албег та хӕдзары хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ хӕдзар арӕзтой. Уымӕй уӕлдай Ахъмырзӕ Нартыхъӕуы скъолайӕн арӕзта партӕтӕ, бандӕттӕ, фыссӕн фӕйнӕджытӕ ӕмӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ.
Æппӕты диссагдӕр та уыдис, йӕ хъӕуӕн цы куырой сарӕзта, уый. Фӕлӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕзӕгъынц, хорз ма ракӕн ӕмӕ фыд ма ссарай, зӕгъгӕ. Афтӕ рауад Ахъмырзӕйы хъуыддаг дӕр. 1929 азы йӕ уыцы куыройы тыххӕй кулак рахуыдтой ӕмӕ йӕ ӕд бинонтӕ йӕ хӕдзарӕй ратардтой. Сӕ ис, сӕ бон сын байстой. Сӕ хӕстӕджытӕм ӕрцардысты, стӕй сын 1930 азы бар радтой фӕстӕмӕ сӕ афтид хӕдзармӕ балидзын, цы сӕм уыд, уый та доны къусы сӕфт фӕкодта. Ахъмырзӕйы ӕфсымӕр Зауырбеджы дӕр йӕ ахуырӕй раппӕрстой, кулак дӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ ссыдис йӕ хъӕумӕ. Стӕй та йӕ рахуыдтой адӕмы знаг ӕмӕ йӕм ахсынмӕ ӕрбацӕйцыдысты.
Æфсымӕртӕ бадтысты хӕдзары. Æдде дзурӕгмӕ сӕ иу куы ракаст ӕмӕ куы бамбӕрста, се 'фсымӕры ахсынмӕ ӕрбацыдысты, уый, уӕд фӕстӕмӕ куыд фездӕхт, афтӕ йӕ бахстой ӕмӕ фӕмард.
Уыцы бон фӕмардысты Албег ӕмӕ Дзамболат, Зауырбег та рудзынгыл агӕпп кодта ӕмӕ алыгъд, фӕлӕ йӕ 1937 азы ӕрцахстой ӕмӕ фехстой. Афтӕ рӕстудӕй фесӕфтысты Ахъмырзӕйы ӕртӕ 'фсымӕры.
1935 азы мартъийы, кулак дӕ, зӕгъгӕ Ахъмырзӕйы ахастой ӕд бинонтӕ. Дӕс азы дӕргъы йӕ цӕрӕнбынат сси Узбекистан, Наманганы зылд.
Суӕгъд ис 1945 азы. Узбекистаны дӕр кодта хъӕды куыст. Йӕ арӕхстдзинадӕн ын стыр аргъ кодтой уымы адӕм дӕр.
1938 азы Мидхъуыддӕгты министрад ын бар радта, афтӕмӕй Ахъмырзӕйы хистӕр фырт Мысост ацыд ахуыр кӕнынмӕ Самаркандмӕ, фӕндӕгтӕ аразӕн училищемӕ. Уырдыгӕй йӕ 1939 азы акодтой ӕфсадмӕ ӕмӕ службӕ кодта Львовы. Хӕстмӕ дӕр ардыгӕй ацыдис. Уыд хӕсты инвалид.
Йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Амырхан та сахуыр кодта Самарканды ӕфсӕнвӕндаджы уӕлдӕр скъолайы.
Се 'ппӕты кӕстӕр Ирбег дӕр бафӕзмыдта Амырханы - фӕцис Ростовы ӕфсӕнвӕндаджы институт.

Томайты фыдӕлты цӕрӕнбынӕттӕй кӕд хӕлддзӕгтӕй дарддӕр ницыуал баззад, уӕддӕр алы аз дӕр июны дыккаг хуыцаубоны Томайтӕ цӕуынц, кӕцӕй рацыдысты, уырдӕм - Куырттаты комы Къорамӕ, сӕ кувӕндон Æвзӕндагмӕ.
Кувӕндон у хохаг хӕдзары хуызӕн тъӕпӕнсӕр. Йӕ алыварс къӕй дурӕй быру. Мидӕмӕ бацӕуынц ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕ. Скувынц ӕмӕ мысайнӕгтӕ сӕвӕрынц. Дӕлдӕр цы дон цӕуы, уымӕй фалӕмӕ хӕрдмӕ фӕцыд хъӕд ӕмӕ уый дӕр хонынц Æвзӕндаджы хъӕд. Хъӕдӕй и пайдагӕнӕн, кусарт акӕнгӕйӕ, кувинагӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕн, фӕлӕ дзы искӕдӕм хӕссӕн нӕй суг.
Гыццыл лӕппуйӕ мӕ фыд Мысырби уырдыгӕй рахаста уис. Хӕдзармӕ куы ныххӕццӕ, уӕд уис кӕрты къуымы баппӕрста. Æхсӕвы лӕппуйы тыхстмӕ йӕ мидфынӕйы бинонтӕ райхъал сты. Даргъзачъе зӕронд лӕг, дам, мӕм загъд кодта уыцы уисы тыххӕй. Уис йӕ бынаты сӕмбӕлын кодтой ӕмӕ сӕ дзуарӕй хатыр ракуырдтой.
Мӕ фыд Мысырби мын ахӕм таурӕгъ ракодта. Æвзӕндаджы бардуаг-иу адӕммӕ рацыдис зӕронд лӕджы хуызы, суазӕг сӕ-иу кодта. Фӕдисы хъӕр-иу фӕцыд искӕцӕй, зӕгъгӕ, уӕд та, дам-иу, ратахт цӕргӕсы хуызы, чердӕм фӕдис, зӕгъгӕ. Уыцы хабар дӕрдтыл куыднӕ айхъуыстаид, ӕмӕ кӕсгон кънйаз загъта, цалынмӕ уыцы хабар мӕхи цӕстытӕй фенон, уӕдмӕ мӕ нӕ бауырндзӕнис, зӕгъгӕ. Бацыд Куырттаты коммӕ, ссыдис Къорамӕ, бахӕццӕ кувӕндоны бынатмӕ, ӕмӕ уым йӕ размӕ рацыдис урсзачъе зӕронд лӕг. Суазӕг ӕй кодта. Уый фӕстӕ хӕрзбон загътой кӕрӕдзийӕн, ӕмӕ кӕсгон кӕмдӕр иу уӕлвӕзыл фӕхуыссыд, стӕй ныхъхъӕр кодта: «Фӕдис!» Æмӕ йӕ сӕрты цӕргӕс ратахт, чердӕм фӕдис зӕгъгӕ. Уыцы ныхӕстӕм кънйаз ныххудтис ӕмӕ йӕм ныхъхъӕр кодта: «Мӕн цы фенын фӕндыд, уый федтон, ӕндӕр, кӕй кӕдӕм фӕнды, уырдӕм тӕхӕд фӕдис!».
Ууыл смӕсты ис Æвзӕндаг. Йӕ дуар ныггуыпп кодта ӕмӕ ууыл атахти цӕргӕсы хуызы. Уымӕй фӕстӕмӕ йӕ ничиуал федта, йӕ бынат та дур фестад ӕмӕ йӕ уӕлӕ бӕлвырдӕй бӕрӕг дары, тыхгуыпп кӕй ныккодта, уыцы дуары хуыз. Абон дӕр бӕрӕг дары Æвзӕндаджы хъӕд. Абон дӕр ацы бӕрзонд ӕмӕ рӕсугъд ран рӕзы, къах кӕм аныгъуылы, ахӕм сойджын кӕрдӕг. Зайы дзы диссаджы рӕсугъд дидинджытӕ. Гъе, ацы ран, кувӕндонӕй дзӕвгар куы 'руайай, уӕд уым Къорайы цардысты Томайтӕ. Цардысты дзы Томайты Тегойы фырт Дженардыхъойы (Дзесӕйы) бинонтӕ дӕр. Дардтой фос. Ие 'ртӕ фырты Гадзыбе, Мысырби ӕмӕ Агуыбе та сӕм кӕсгӕ
кодтой.
Сӕ фыд куы амард, уӕд хӕдзары хистӕры бынаты ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты хистӕр Гадзыбе. Уыди сын хотӕ дӕр: Вера ӕмӕ Верычкӕ.
Мысырби Хидыхъусы скъоламӕ цӕуын райдыдта. Тынг зӕрдиагӕй йӕ фӕндыд ахуыр кӕнын, фӕлӕ йӕ йӕ ахуыр ныууадзын бахъуыд, фосмӕ кӕсын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Сӕхи бон-иу куынӕуал цыдис сӕ фосыл, уӕд-иу хиуӕттӕй искӕй баххуырстой. Иумӕ-иу цардысты, иу дзаума дардтой, иу хӕринаг хордтой, стӕй сын-иу цӕстуарзон мызд бафыстой афӕдзы фӕстӕ сӕ фосӕй — ӕртиссӕдз фысы.
Цард ивта. Быдырӕй хъуысыд алыхуызон хабӕрттӕ. Бирӕтӕ лидзын райдыдтой хохӕй. Дженардыхъойы бинонтӕ дӕр 1930 азы раивтой хохӕй быдырмӕ ӕмӕ ӕрцардысты Нартыхъӕуы. Уыцы рӕстӕг цард ахӕм зилдухӕнтӕ кодта, ӕмӕ йӕ бамбарын алкӕй бон нӕ уыд. Адӕймагӕн йӕхи тугвӕллой чи уыд, уымӕ дӕр дзырдӕппарӕн кодтой. Арӕхӕй-арӕхдӕр хъуысыдысты, раздӕр ахуыр кӕуыл нӕ уыдысты, ахӕм ныхӕстӕ, ӕмӕ уыдонӕй иу уыдис «кулак». Уӕвгӕ сӕ уыцы ном 1929 азы тынг басыгъта. Гадзыбейы уӕд Уӕлладжыры чекисттӕ ахӕстоны фараст мӕйы ӕмӕ фараст боны фӕдардтой. Байстой сын сӕ ис, сӕ бон, суанг хуыссӕнгарзы онг, ӕмӕ кӕм ӕрхуыссыдаиккой, уый дӕр сын нал уыдис.
Уӕдмӕ ӕфсымӕртӕн фӕзынд бинойнӕгтӕ: Гадзыбейӕн — Æхболӕтты Зела, Мысырбийӕн - Узегаты Дунетхан, Агуыбейӕн — Къарджиаты Царицӕ.
Кӕстӕр чындзыты ӕрцыдмӕ Зелайӕн уыд фырт Хадзысмел (Цӕдых) ӕмӕ чызг Варсӕ. Стӕй та ноджыдӕр чызджытӕ ӕртӕ чындзӕн дӕр.
Бинонтӕ, сӕ мадӕй фӕстӕмӕ, лӕуд уыдысты, колхоз сӕ кӕдӕм ӕрвыста, уыцы куыстыты; лӕгтӕй чи кӕм, чындзытӕ — колхозы быдыры. Мад амондджын уыд, йӕ бинонты хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ. Цӕрын фӕрӕзтой. Куысты фӕстӕ та-иу, фӕллад сты, уымӕ нӕ кӕсгӕйӕ, хӕдзарӕй райхъуыст фӕндыры цагъд, хъӕлдзӕг ныхас. Æнӕуазӕг никуы уыди сӕ хӕдзар, ӕмӕ-иу сыл кафт бацайдагъ. Райсомӕй та ногӕй — кусынмӕ.
Афтӕ цардысты ӕмӕ афтӕ уыдаид дарддӕр дӕр, фӕлӕ кӕйдӕр зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд сӕ цард, се 'нгомдзинад. Чидӕр сӕ дзыхы бафтыдта, схуыдта сӕ кулактӕ, кӕд уымӕн ницы бындур уыд, уӕддӕр. Уымӕн хорз ӕвдисӕн ӕдасдзинады министрады архивӕй мын цы гӕххӕтт радтой, мӕ фыд цы хуызы ӕрвыст ӕрцыд кулакӕй, уый куы бацагуырдтон, уӕд, Уыцы гӕххӕтт сарӕзтӕуыд 1935 азы 2-ӕм январы. Хохы цӕргӕйӕ сӕм цы фос уыд, уыдон цас уыдысты, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕрӕй фыст уыдысты ацы гӕххӕтты. Афтӕмӕй та сӕм цы фос уыд, уый быдыры иууылдӕр колхозмӕ радтой. Уӕдӕ ма цы? Уӕддӕр сӕ кулак скодтой ӕмӕ сӕ ахастой. Æртӕ ӕфсымӕры ӕд бинонтӕ, сӕ зӕронд мад дӕр нӕ ныллӕуыд ам йӕ чызджытӕм, мӕ бинонтӕ кӕм сӕфынц, ӕз дӕр хъуамӕ уым уон, зӕгъгӕ.
Бирӕ хатт ахъуыды кӕнын уыцы ахасты фӕдыл. Кӕд, мыййаг, барӕй ӕрвыстой ӕвзаргӕ адӕмы, къухӕй дӕсныты, ӕдзӕрӕг ранмӕ? Уый дын, йӕхи къухтӕй йӕ хъӕуӕн куырой чи сарӕзта, уыцы Ахъмырзӕ, мӕ фыд Мысырби, йӕ бон хӕдзар саразын кӕмӕн уыд, уый. Æмӕ ма, уым кӕй базыдтой, уыдон. Сӕхӕдӕг-иу сарӕзтой хӕдзӕрттӕ ӕмӕ дзы цардысты. Æппын-фӕстаг, ӕцӕгӕй дӕр ӕцӕг знӕгтыл нымад куы уыдаиккой, уӕд сӕ хаст рӕттӕй не 'рвыстаиккой хӕстмӕ дӕр, сӕ райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕнынмӕ, Ирыстоны алы хъӕутӕй куыд цыдысты, афтӕ уырдыгӕй дӕр хӕстмӕ цыдысты ирон фӕсивӕд ӕмӕ дзы бирӕтӕ нал раздӕхтысты фӕстӕмӕ...
Гадзыбе куыста бӕхтӕмзилӕгӕй. Йӕ кармӕ гӕсгӕ йын хӕстмӕ кӕнын нал ӕмбӕлд, фӕлӕ йӕ Ташкентмӕ фӕллойы фронтмӕ арвыстой. Мысырбийы та совхозы хицауад нӕ ауагъта — йӕ куысты ахсджиагӕн хъуыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уый дӕр уырдӕм акодтой. Агуыбейӕн та уӕдмӕ йӕ цонг ахаудта, бӕмбӕг ӕфснайӕн комбайныл кусгӕйӕ. Цыбыр ныхасӕй, бирӕ фыдӕбӕттӕ федтой ацы ӕртӕ 'фсымӕры бинонтӕ ӕцӕгӕлон зӕххыл. Ферганы къанауы ныххаудта ӕмӕ амард Зела. Йӕ фондз сывӕллоны баззадысты сидзӕртӕй. Куы бахъомыл сты, уӕд сӕ иу амард — Зелим. Мысырбийӕн ам амардысты йӕ чызг ӕмӕ йӕ лӕппу. Агуыбе ӕмӕ Царицӕйӕн дӕр амард чызг. Сӕрибармӕ нал фӕцард сӕ зӕронд мад дӕр. Кӕйдӕр зӕххыл баззадысты ӕхсӕзӕй ацы ӕртӕ ӕфсымӕры бинонтӕ.
Бирӕ тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ, 1945 азы Ирыстонмӕ сыздӕхт Агуыбе, Мысырби та - 1946 азы.
Агуыбе иу къухимӕ дӕр уыд тынг сӕрӕн, схъомыл кодта авд сывӕллоны, цыппар чызджы ӕмӕ ӕртӕ лӕппуйы. Уыд агуырд лӕг ӕхсӕны, ирон ӕгъдауы хъуыддӕгты. Мысырби дӕр йӕ дыууӕ чызгӕн райсын кодта уӕлдӕр ахуырад.
Æрмӕстдӕр 1958 азы сыздӕхт Гадзыбе. Уӕдмӕ уым ракуырдта Богъаты Сауийы чызг Тамӕты, хаст чи уыд, уыцы бинонтӕй. Уымӕй дӕр ма йын рацыд дыууӕ лӕппуйы ӕмӕ дыууӕ чызджы.
Йӕ фырт Хадзысмел (Цӕдых) каст фӕцис Ташкенты политехникон институт, сси инженер ӕмӕ, Ирыстонмӕ ссӕугӕйӕ, куыста арӕзтӕдты. Цалдӕр азы бакуыста Манголийы. Райста Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт аразӕджы ном...

Томайты Хадзумары фыд хуындис Хӕмӕтхъан (Гӕбӕдз), Хӕмӕтхъаны фыд та - Тӕтӕрхъан.
1926 азы Хадзумар йӕ бинонтимӕ раивта быдырмӕ. Æрцард Нартыхъӕуы. Бацыд колхозмӕ. Фосӕй ма йӕм цы уыд, уыдон дӕр, суанг йӕ уарзон цъӕх бӕхы дӕр, радта, афтӕмӕй. Рӕстӕг та уӕд ахӕм уыд, ӕмӕ адӕймагмӕ, йӕ сӕрӕн ницы зонгӕйӕ дӕр, маст ӕрбахаудтаид искӕцӕй. Афтӕ рауад Хадзумары хъуыддаг дӕр. Сӕ колхозмӕ сын иу бон фӕзынд ӕрвыст лӕг. Ды народник дӕ, зӕгъгӕ, ахӕм ӕртхъирӕнтимӕ уый бауырдыг Хадзумармӕ. Афтӕмӕй йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ бабастой ӕмӕ йӕ ахӕстонмӕ аластой.
Цӕй народник дӕн, уый цы у, уый зонгӕ дӕр куынӕ кӕнын, зӕгъгӕ-иу бакодта мӕгуыр лӕг. Фӕлӕ, йӕ хъуыддаг хорз кӕй нӕу, уый куы бамбӕрста, уӕд сын афтӕ зӕгъы: «уӕдӕ уӕлӕ абкоммӕ Григорьевмӕ сдзурут, ӕмӕ уын уый зӕгъдзӕн, ӕз чи дӕн, уый». Григорьевы коймӕ йе 'фхӕрджытӕ хорзау нал фесты. Сдзурын кодтой обкоммӕ, мӕнӕ нӕм Томайтӕй ис ахӕм лӕг, зӕгъгӕ. Уый сын афтӕ:
- Цалынмӕ ӕз цӕуон, уӕдмӕ йӕм мачи 'вналӕд! Григорьев ӕрхӕццӕ ӕмӕ йӕ ракодта. Йӕхи машинӕйы йӕ арвыста йӕ хӕдзармӕ, ахӕстоны йӕ чи бакодта, уый та дыккаг бон йӕ куыстӕй атардта...
Томайты Гайуайы хӕдзарвӕндаджы хабӕрттӕ нын ракодта йӕ фырт Темболаты лӕппу Махарбег. Гайуайӕн йӕхи фыд хуындис Хъызылбег. Дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, Уӕлладжыры комы цардысты ӕртӕ 'фсымӕры: Тома, Дзго ӕмӕ Беккуызар. Уыдонӕй рацыдысты Томайтӕ, Дзгойтӕ ӕмӕ Беккуызартӕ. - Афтӕ райдыдта ныхас Махарбег, кӕй ӕрыхъуыста, махӕн дӕр ногдзинад чи нӕ уыд, уыцы хабар. Бадӕм Джызӕлы рагондӕр хӕдзӕрттӕй иуы. - Томайтӕ, дам, афтыдысты Куырттаты коммӕ, Дзгойтӕ хохы Санибамӕ, Беккуызартӕ та баззадысты Уӕлладжыры комы.
Томайтӕ ӕрбынат кодтой Къорайы.
Рӕстӕг цыд. Мыггаг рӕзтис ӕмӕ та сын сӕ цӕрӕн бынат фаг куынӕуал кодта, уӕд ӕндӕр рӕттӕм ивын райдыдтой.
Мах, - зӕгъы Махарбег, - ома Гайуайы байзӕддӕгтӕ, ӕрцардыстӕм Джызӕлы, фыццагдӕр дзы чи ӕрцард, уыдонимӕ иу рӕстӕг.
Томайты ацы хъӕуы, се 'цӕг ном куыд у, афтӕ нӕ хонынц, фӕлӕ Томатӕ. Кӕй дзыхӕй рацыд фыццагдӕр ӕмӕ цӕмӕн — мӕгъа.
Ахӕм рӕдыд ма ӕрцыд, Томайтӕй йӕхи Тометӕ чи схуыдта уыдоныл дӕр. Афтӕмӕй бынтон ӕнцон срастгӕнӕн сты, уымӕн ӕмӕ кӕд фыдыфыды мыггаг гӕххӕттыты Томайтӕй фыст у, уӕд ма дзы цавӕр ныхас ис, сраст кӕн, гӕххӕттытӕ кӕм аразынц, уыцы оргӕнты дӕ мыггаг, ӕндӕр, фӕлӕ йыл иуӕй-иутӕ афтӕ сахуыр сты, Тометӕй сты, ууыл, ӕмӕ сӕм ницы хъары, мыггаг та афтӕмӕй хӕлы, къабазгай кӕны, ууыл нӕ хъуыды кӕнынц.
Æвӕццӕгӕн, ахӕм ивддзинад ӕмӕ рӕдыд ӕрцыд, Томайтӕй Дыгурмӕ чи аивта, ӕмӕ йӕхи Таматӕй чи фыссы абон дӕр, уыдоныл дӕр...
Махарбегыл хӕсты рӕстӕг фынддӕс-ӕхсӕрдӕс азӕй фылдӕр нӕма цыд. Йӕ хистӕр ӕфсымӕр Æхсарбег хӕсты тӕккӕ агъоммӕ службӕ кодта Латвийы. Уырдыгӕй ацыд фронтмӕ ӕмӕ уацары бахаудта. Дохтыр уӕвгӕйӕ, концлагеры бирӕты фервӕзын кодта мӕлӕтӕй. Уырдыгӕй чи раирвӕзт, уыдон кодтой ам, Ирыстоны, Æхсарбеджы лӕгдзинады хабӕрттӕ.
Сӕ хо Венерӕ та хӕсты рӕстӕг куыста Мӕскуыйы фельдшырӕй, афтӕмӕй ацыд хӕстмӕ. Бахӕццӕ Германмӕ. Хӕсты фӕстӕ йӕ бинонтимӕ цард Севастополы.
Зӕгъын ма мӕ фӕнды иу хъуыддаджы тыххӕй.
Уый, царды бирӕ цыдӕр хабӕрттӕ ӕрцӕугӕйӕ, йӕ мыггаг чи аивта, фӕлӕ кӕмӕй сты, уый чи нӕ ферох кодта, нӕ мыггаджы уыцы хайы тыххӕй. Уыдон сты Къозонтӕ, Будзитӕ ӕмӕ Къоратӕ.
Къораты тыххӕй нын Къораты Эльбрус ракодта йӕ фыд Никъалайы ныхас, зӕгъгӕ, дам, йӕ фыд Бесо дзырдта, мах стӕм Томайты цот Куырттаты комы Къорайӕ, ӕмӕ уӕ уый рох ма уӕд. Цавӕр хабар сӕ сыстын кодта Къорайӕ ӕмӕ рагъыл Дзимырмӕ ныххизын, уый нӕ зонӕм, ӕрмӕст сӕ хъӕуы ном сӕвӕрдтой сӕ уӕлӕ, афтӕмӕй ӕрцардысты Хуссар Иры Ленингоры районы.
Дзимыр хъуыстгонд у, сойджын кӕрдӕг кӕм зайы, ахӕм зӕххытӕй. Рынчын фос-иу дзы иунӕг сахат дӕр куы фӕхызтаид, уӕд-иу сдзӕбӕх.
Къоратӕм бирӕ ис алы хуызы дӕр нымад адӕм. Æмӕ кадджын сты, кӕй астӕу цӕрынц, уыдоны 'хсӕн.
1877—78 азты Уӕрӕсе ӕмӕ Турчы хӕсты архайдта Къораты Симон. Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй йын радтой номылдаргӕ ӕхсаргард, стӕй райста Георгийы майдан.
Къораты Бесойӕн Къахеты уыд сӕнуӕйгӕнӕн дукани, Дзӕуджыхъӕуы та — дыууӕуӕладзыгон хӕдзар, Павленкойы уынджы. 1935 азы йӕ кулак скодтой, байстой йын йӕ бӕстыхай, ӕмӕ зӕрдӕдзӕф фӕцис...

 

 

 

Уважаемый посетитель, Вы зашли на сайт как незарегистрированный пользователь. Мы рекомендуем Вам зарегистрироваться либо зайти на сайт под своим именем.


Другие новости по теме:

  • Записи поговорок
  • Мелкие заметки и отрывки
  • Уастырджийы фӕлгонц
  • Автобиография
  • 20. X. А. Уруймагов — Коста Хетагурову
  •  

     

    Просмотров: 596 | Автор: admin | Дата: 18 февраля 2010 | Напечатать

     
    Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии в данной новости.
     
         
      Главная страница | Регистрация | Добавить новость | Новое на сайте

    Copyright © 2005-2010. Осетия и Осетины
    При использовании материалов гиперссылка обязательна!